zalina_tedtoeva_iron_teatr

zalina_tedtoeva_iron_teatr Contact information, map and directions, contact form, opening hours, services, ratings, photos, videos and announcements from zalina_tedtoeva_iron_teatr, Art, Пр. Коста, Vladikavkaz.

05/03/2022

Бон цæyы æмæ фарн йемæ xæccы!
Нæ уарзон театрдзаутæ ❤️
Хорз бонтæ yыл кæнæд!
Уæ зæрдæты цы aрт судзы ,уый ирд æмæ тæмæн уæд!
Бузныг уын Ирон Театрыл стырзæрдæ кæй нæ кæнут!❤️❤️❤️
#остеатр
#иронтеатр🎭🎭🎭

03/03/2022

Мæ уарзон ,Ир!
Дæ Ныфс æмæ дæ Хъару..
Фæзминаг- бирæтæн !
Уæлæрвтæм кувгæйæ
Бæрзонд цъæx aрвмæ cкæcгæйæ,
Caбырдзинад- мах курæм!
#остеатр
#иронæмдзæвгæ
#ирыстон⚪️🔴🌕

28/02/2022

Адæмы арфæйæ æдзухдæр хайджын уыдысты нæ cценæйы дæcнытæ,æмæ cын уый лæвæрдта хьару,ног сфæлдыстадон Ныфс.
Адæмы уарзондзинад
ИРОН ТЕАТРМÆ фæлтæрæй фæлтæрмæ чи цæyы,ахæм
Арфæйаг хъуыддаг у!
/Бæциаты Агуыдз/

28/02/2022

Театр хъуамæ лæyya тыхджын позицитыл ,адæймаджы зонд æмæ зæрдæйы хьал кæна рæcyгъд бæллицтæ æмæ æнкъарæнтæ
ТЕАТР -Ахуыргæнæг
Рухстауæг
Хъомылгæнæг!

/Бæциаты АГУЫДЗ/

01/12/2021

Зæрдæбынæй мæ фæнды раарфæ кæнын
РЦИ-АЛАНИЙЫ
AДÆМОН АРТИСТ
КОЛЫТЫ ВЛАДИСЛАВÆНkoliev.69
йæ райгуырæнбоны фæдыл.!
Царды цæмæ бæллыс,дæ къухы фæрнæй бафтæнт!
Дæ ныййарæгæн буц ,дæ кæcтæртæн фæзминаг!
Царды Хорздзинæдтæй хайджын у,зæрдæрухс æмæ райдзастæй ма бирæ aзты фæцæр!
Лæгты Дзуары фæдзæxcт у,,!
#остеатр
#арфата
#гуырæнбон

01/12/2021

Зæрдæбынæй мæ фæнды раарфæ кæнын нæ аивадуарзджыты номæй
РЦИ-АЛАНИЙЫ AДÆМОН АРТИСТ
КОЛЫТЫ ВЛАДИСЛАВÆНkoliev.69
йæ райгуырæнбоны фæдыл.!
Царды цæмæ бæллыс,дæ къухы фæрнæй бафтæнт!
Дæ ныййарæгæн буц ,дæ кæcтæртæн фæзминаг!
Царды Хорздзинæдтæй хайджын у,зæрдæрухс æмæ райдзастæй ма бирæ aзты фæцæр!
Лæгты Дзуары фæдзæxcт у,,!
#остеатр
#арфата
#гуырæнбон

12/06/2021

ИРОН ТЕАТРЫ ХÆЗНАДОНÆЙ.
Xъайттаты Сергейы пьесæмæ гæcгæ æвæрд.
СПЕКТАКЛЬ
«КУЫРДУАТЫ БАДÆГ»
/1987аз/
#
#иронтеатр

15/05/2021

Дзур ,мæ къона,дзур ,Иронау!!!
☀☀
Ирон æвзаджы бæрæгбоны кадæн уын йæ aрфæтæ æрвиты
РЦИ-АЛАНИЙЫ
АДÆМОН АРТИСТ
КОЛЫТЫ ВЛАДИСЛАВ
ацы рæcyгъд æмдзæвгæйы рæнхъытæй.
…дзур,мæ къона,дзур ,
ИРОНАУ!
👆🙏❤👏👭👬👫👪

☀☀
Абон ,15 -майы
☀☀
ИРЫСТОНЫ ЦÆРДЖЫТÆ
бæрæг кæнынц
ИРОН ÆВЗАДЖЫ БÆРÆГБОН.
☀☀
Уый фæдыл мæ фæнды ракæнын Зæрдæбын арфæтæ, нæ театрдзаутæн,

☀фыццаджыдæр,стæй мæ уарзон,мæ иубæcтон адæм.

☀☀
Мæ зæрдæ yын зæгъы ,уæ риуы цы æнæкæрон
☀☀
Уарзт хæccyт уе"взагмæ,
☀☀
yый уын макуы ахуыссæд!
Судзæд йæ aрт АМЫРАНЫ рухсау!
☀☀
Фæрнæйдзаг ут ,ныфсджын æмæ xъаруджын!
☀☀
Уæ cомбон абонæй рæcyгъддæр уæд!
☀☀
ДЗУРУТ,ИРОНАУ-КУРДИАТ МÆНÆЙ!
УАРЗУТ НÆ ИРОН ÆВЗАГ!
УЫЙ ХУЫЗÆН ЗÆРДÆЙÆН АДДЖЫНДÆР НÆЙ!
#
#иронæвзаджыбон21

10/11/2020

Нæ yaрзон театрдзаутæ,йæ aрфæйы ныхæcтæ 85-aзы боы фæдыл æрбарвыста нæ Республикæйы сæргълæyyæг
Битарты Вячаслав
Зынаргъ ӕмбӕлттӕ!
85 азы размӕ, 10 ноябры, йӕ дуӕрттӕ фыццаг хатт байгом кодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон театр. Уыцы хабар ссис нӕ культурӕйы стыр бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ театры ахадындзинад адӕмы монон царды у тынг ахсджиаг ӕмӕ бирӕвӕрсыг.
Ирон театр махӕн уыдис ӕмӕ у национ аивады артдзӕст, раст хъомылад ӕмӕ рухстауыны фӕрӕз, куырыхон зонд, бӕрзонд ӕмӕ ирд хъуыдыты айдӕн. Йӕ фӕзындмӕ рагӕй бӕллыдысты нӕ интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕ — Хетӕгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Кочысаты Розӕ, Коцойты Арсен, Гӕдиаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Тырныдтой уымӕ, цӕмӕй бӕрзонд аивад адӕммӕ суа ноджы хӕстӕгдӕр. ӕмӕ уыцы арфӕйаг хъуыддаг бантыст сӕ фӕдонтӕн — 1935 азы райгуырд Ирон профессионалон театр. Уӕдӕй абонмӕ райгӕрста стыр фӕндаг, йӕ райрӕзтыл куыстой нӕ курдиатджын фысджытӕ, режиссурӕйы дӕснытӕ, нывгӕнджытӕ ӕмӕ актертӕ. Бындур ӕвӕрдтой аивадон традицитӕн ӕмӕ сӕ азӕй-азмӕ хъӕздыгдӕр кодтой.
Тӕбӕхсӕуты Бало, Хъӕрджынты Варварӕ, Икъаты Серафин, Таутиаты Солӕман, Саламты Къола, Хъариаты Тамарӕ, Сланты Къоста, Баллаты Владимир, Уататы Бибо, Мерденты Юри, Бытъӕты Роберт ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ удуӕлдайӕ фыстой Ирон театры истори. Абон драматургтӕ ӕмӕ театралон архайджытӕ, уынӕм ӕй, уыцы традицитӕ дарддӕр рӕсугъдӕй хӕссынц, ӕнувыдӕй кусынц ууыл, цӕмӕй се сфӕлдыстад адӕмы зӕрдӕты арф хиза, гуырын кӕна бӕрзонд ӕнкъарӕнтӕ, тауа гуманизмы идеалтӕ.
Мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй сын ноджы фылдӕр бантыса ӕмӕ Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион театр фидӕны дӕр уа ӕнтыстджын, адӕмӕн уарзон, иннӕ театрты 'хсӕн та нымад ӕмӕ кадджын.
Хуыздӕр арфӕтӕ театры кусджытӕн ӕмӕ уе 'ппӕтӕн дӕр!

Битарты Вячеслав, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг.

Address

Пр. Коста
Vladikavkaz
362003

Website

Alerts

Be the first to know and let us send you an email when zalina_tedtoeva_iron_teatr posts news and promotions. Your email address will not be used for any other purpose, and you can unsubscribe at any time.

Share

Category